ОБЩЕСТВО

У СÆРЫСТЫР ЙÆ АДÆМЫ РАЗ

Зарæг у, аивады фарн тыхджынæй æвдыст кæм фæцæуы, ахæм æгæрон тых. Рæсугъд æмæ зæрдæскъæфгæ зарæг бахъары алкæй зæрдæмæ, асуры йын йæ фæллад, ратты йын цин, амонд æмæ уæнгрогдзинад. Æмæ йын æнус­тæм табу кæнæм, уымæн æмæ свæййы нæ царды æмбæлццон, нæ цинты цин.

 

Ирон зарæгæн, ирон аивадæн йæ цард æгасæй дæр снывонд кодта зындгонд, адæмæн уарзон зарæггæнæг, Хуссар Ирыстоны адæмон артист, «Сыгъзæрин микрофон – 2008»- ы хицау, республикон фес­тивальты – «Песня года – 2007, 2008»- ы лауреат ГУЦАТЫ Нодар.

 

Афтæ куы зæгъон, алчидæр нæ ирон зарæг бирæ уарзы, уæд, æвæццæгæн, нæ фæрæдидзынæн. Зарæгæн стыр кад уыдис нæ рагон фыдæлтæм дæр. Уый афтæ куы нæ уыдаид, уæд цæмæй зыдтаиккам, Нартмæ диссаджы зарæггæнæг æмæ уадындзыл цæгъдæг Ацæмæз кæй уыдис, уый.

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртыл адæм бирæ зарджытæ скодтой: Плиты Иссæйыл, Цæлыккаты Хъантемырыл, Гагкайты Алиханыл, Гæздæнты æфсымæртыл æмæ æндæртыл. Абон дæр уыцы зарджытыл хъомыл кæнынц нæ кæстæртæ. 1992 азы Ирыстон тæссаг уавæры куы бахауд, уæд та нæ фæсивæды хуыздæртæ знаджы ныхмæ æрлæууыдысты æмæ йын ныхкъуырд радтой. Уыцы фæсивæдæй чи фæмард, уыдонæй бирæтыл скодтой зарджытæ.

 

Хуссар Ирыстоны райдзастдæр æмæ рæсугъддæр хъæутæй иу у Дзукъатыхъæу. Ам райгуырд Гуцаты Нодар. Бынæттон скъолайы ма ахуыр кодта, афтæмæй рабæрæг йæ курдиат. Абон дæр стыр æхсызгонæй æрымысы, фыццаг хатт фондз­аздзыдæй йæ зæлланг хъæлæс сценæйæ куыд рай­хъуыст, æмæ йыл абоны онг йæ зæрдæ нæ ивы. Канд зарыны ʼрдæм нæ фæцалх Нодар, фæлæ ма иттæг хорз цæгъды далафæндыр, гитарæ, фортепиано æмæ балалайкæйæ. Скъола каст куы фæци, уæд йæ ных сарæзта Иркутскы сфæлдыстадон институтмæ хореографийы хайадмæ. Алцæмæ æвзыгъд лæппу йæхи цæвиттонæй кæй равдисдзæн, ууыл гуырысхо дæр ничи кодта.

 

Йæ ахуыр куы фæци, уæд фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæг Хуссар Ирыстонмæ. Иухатт æй йæ хо æрбахуыдта Гуырдзыстонмæ. Ам Нодары æхцон æмæ зæрдæскъæфæн зарæг бахъардта аивадуарзджыты зæрдæмæ. Райдыдта кусын бынæттон филармонийы. «Уæд Тбилисы филармони æгас дунейыл нымад уыд иууыл ахадгæ­дæртæй иуыл. Гастролон балцыты зылдыстæм канд нæ бæстæйы горæттыл нæ. Æрвылхатт ныл стыр къухæмдзæгъдимæ æмбæлдысты фæсарæнты дæр», – мысы Гуцайы-фырт.

 

Йе сфæлдыстадæн ын аргъ кæнын райдыд­той, ирон зарæгмæ чи хъусы, уыдон. Афтæмæй уарди дидинæгау райхæлд йæ музыкалон курдиат. Йæ зæлланг хъæлæсæн, йæ зарджытæн ын аргъ чи кæны, уыдон бонæй-бонмæ кæнынц фылдæр. Æмæ нæ ауæрды йæ хъарутыл, агуры ног фæндæгтæ аивадмæ, йæ диссаджы уды зæрдæскъæфæн миниуджытæй базырджын кæны адæмы, дæтты сын сæ зæрдæтæн æхцондзинад æмæ æгæрон ныфс, цин æмæ уæнгрог­дзинад.

 

Адæймаг йæхæдæг у йæ хъысмæтæн тæрхонгæнæг, кадгæнæг, æмæ ацы хъуыддаг иттæг хорз æмбары Гуцаты Нодар. Йæ рагбонтæй фæстæмæ амайы йæ кады мæсыг, хизы иу къæпхæнæй иннæмæ аивады асинтыл. У сæрыстыр йæ адæмы раз, уымæн æмæ сын лæггад кæны рæсугъдæй, удуæлдайæ, йæ зарджытæй сын суры сæ рыст, сæ фæлмæстдзинад.

 

Уый йæхицæн стыр хæсыл нымайы ирон культурæйы рæзтыл зæрдиагæй архайын. Иудадзыг дæр тырны адæмы ʼхсæнмæ, æвзæрын сæм кæны сфæлдыстадон куыстмæ тырнындзинад. Кæд ныртæккæ бирæты культурон царды фæрæзтæ нал æндавынц, уæддæр Нодары куысты цæхæр мынæгдæр нæ кæны. Уый та æнцон нæу.

 

Хæдзары уа, уынджы, æхсæнадон бынаты – нæ бафиппайдзынæ Нодары ныхасы æндæр æвзагæй æрбайсгæ дзырд. Нæ диссаджы хъæздыг æмæ рæсугъд ирон æвзагыл афтæ аивæй фæдзуры, æмæ йæм хъус æмæ хъус.

 

Ирон культурæйы æмæ аивады сыгъдæг арвыл цæхæртæ калы Гуцаты Нодары æрттивгæ стъалы. Уый æнцойдзинад æмæ ныфс дæтты ныры æмæ фидæны фæлтæртæн, сфæлдыстадон царды арфæйы хъуыддæгтæ аразыныл кæй æфтауы, уыцы фæсивæдæн. Йæ зарджытæ сты зæрдæхæлар æмæ рæсугъд. Æмæ сыгъдæг зарæг та зæрдæйы уидæгтæм хъары. Ахæм у йæ аивады сæйраг ратæдзæн Нодарæн – цæмæй адæмы зæрдæты арф æрбынат кæной йæ зарджытæ, цæмæй сæм иу хатт чи байхъуса, уыдонмæ æвзæрын кæной уарзондзинады æнкъа­рæнтæ Фыдыбæстæмæ, ныййарæгмæ, уарзон адæймагмæ æмæ афтæ дарддæр. Йæ зарджытæ «Лæгъстæ», «Слæуу, ирон», «Ног Ирыстон», «Мады Майрæм», «Цæстытæ», «Гыцци», «Мæ цъæх цæст уарзон», «Ехх, тæхуды», «Хуры чызг»-æн (чи сæ фæуыдзæн нымад!) адæймаджы уæнгты ахъарынц куыд сæ ныхæстæ, афтæ мелоди дæр.

 

О, афтæ у æнæмæнг, уымæн æмæ Гуцайы-фырт йæ зарджыты ныхæстæ дæр уырзтæй æвзарæгау фæкæны. Уымæн хъарынц зæрдæмæ афтæ арф, уымæн сæм не ʼфсæды адæймаг хъусынæй. Йæ зарджытæн сæ фылдæр сты йæхи фыст. Афарстон æй:

 

– Нодар, зарджытæ иухуызон не сты æмæ иу зæрдæйы уагæй нæ дзурынц. Ис ахæм хъус­джытæ, хъæлдзæг зарджытæ чи нæ уарзы. Æз, æнкъард зæрдæйы арфæй чи цæуа, адæй­маджы сагъæстæ æмæ хъуыдытыл чи ʼфтауа, ахæм зарджытæм хъусын уарзын. Уыдон адæймаджы уды хъæд сыгъдæгдæр æмæ рæсугъд­дæр кæнынц. Дæумæ та куыд кæсы? Стæй дын дæ курдиат чи уарзы, уыдон дæ фылдæр цавæр зарджытæ фæдомынц?

 

– Алы зарæгæн дæр ис йæхи хъысмæт, йæхи базыртæ тæхынмæ, адæмы зæрдæ ссарынмæ. Раст у дæ хъуыды дæр, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, æнæ хъæл­дзæг зарæгæй цард æрхæндæг у. Зарæг та куы фæрæстмæ вæййы æмæ зæрдæтæм фæндаг куы ссары, уæд ыл æнцонæй сбады адæмон зарæджы ном.

 

Алы æмдзæвгæ зарынмæ нæ бæззы, стæй йыл мелоди ныффыссæн дæр нæй. Тыхфыст ныхæстæй та зарæг нæ рауайдзæн. Куы рауайа, уæд та уыдзæн донæй йедзаг. Дзырдтæ кæрæдзиуыл бæтгæйæ, æппынæдзух хъæуы тырнын, цæмæй хъуыдыйад уа аив æмæ рæсугъд арæзт. Хъыгагæн, ахæм æнæбындур зарджытæ нæм бирæ ис, тыхарæзт рифмæтæ кæм ис. Кæд сæ заргæ кæнынц, бон сæ цалдæр хатты дæр хъусæм, уæддæр зæрдæмæ æввахс нæ лæууынц. Хъуамæ тырнай дæхи нæ, фæлæ дæ курдиат равдисынмæ. Концерттæ аразæм, æмæ залы цы бирæ адæм æрæмбырд вæййы, уыдоны, кæй зæгъын æй хъæуы, фæфæнды «удæгас» зарджытæм байхъусын, фонограммæ никæйы зæрдæмæ цæуы. Уæд ма зарæггæнæг цæмæн хъæуы, йæхæдæг куы нæ зара? Мæнмæ гæсгæ, зарæггæнджытæн хъуамæ уа аивадон разамонджытæ, цæмæй сын бæлвырддæр амоной сæ хъуагдзинæдтæ æмæ æвæрццæг миниуджытæ.

 

Уæдæ йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ раттæг адæмæн цæстуарзон лæггад чи бакодта, йæ диссаджы курдиат æмæ зæрдæйы рæсугъддзинады фæрцы ирон аивад æмæ культурæ фæхъæздыгдæр кæныныл æвæллайгæйæ чи архайы, уыдонæй иу у Гуцайы-фырт. Уый уарзы цард, хæлæртты, рæстдзинад. У нæртон уды хъæды хицау.

 

Де сфæлдыстадон уæлахизтæ нырма разæй сты, Нодар, æмæ мах, дæ аивад уарзжыты, уырны, нæ зæрдæтæ нын кæй барухс кæндзынæ ног зæрдæ­скъæфæн зарджытæй. Гъемæ дын дæ юбилейы къæ­сæрыл нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, цардбæллондзинад, ног сфæлдыстадон æнтыстытæ!

 

Алчидæр цæры йæ райсомы ныфсæй. Райсом арвыл рæсугъддæр хур скæсдзæн, райсомы бон фылдæр удæнцой æрхæсдзæн – афтæ хъуыды кæны адæймаг. Рæстæгмæ та йæхи фæндтæ, йæхи уынаффæтæ ис.

 

Хуыцау нын ахæм арфæ ракæнæд, æмæ нæ алкæмæн дæр йæ райсомы бон рæсугъддæр куыд уа, алкæйы зæрдæ дæр нæ зарын куыд агура, ирон зарæг та Иры дзыллæйыл æнустæм куыд хъуыса!

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 16.05.2024 в 09:15

Дыхание крымской весны в Осетии

На площадке Общественной палаты РСО-А состоялась научная конференция «Победное дыхание Крымской весны», приуроченная к 80-летию освобождения Крыма и 10-летию его воссоединения с Россией. Ее предварила торжественная церемония подписания соглашения о сотрудничестве между общественными палатами Северной Осетии и Республики Крым.

ОБЩЕСТВО 12.06.2022 в 10:38

Русланбек Икаев поздравил горожан с Днём России

ДОРОГИЕ ЖИТЕЛИ И ГОСТИ ВЛАДИКАВКАЗА!   12 июня мы отмечаем самый главный государственный праздник – День России.

ОБЩЕСТВО 10.05.2023 в 21:00

Памяти Султана Цориева

(02.01.1945 – 09.05.2023)

ОБЩЕСТВО 25.09.2018 в 10:05

Влюбленные в небо

Владикавказский авиационно-спортивный клуб им. Героя Советского Союза И. Дзусова является одним из старейших не только в России, но и на всем постсоветском пространстве.

ОБЩЕСТВО 16.02.2024 в 20:46

Диалог с молодежью

Глава Северной Осетии Сергей Меняйло встретился со студентами СКГМИ. Мероприятие состоялось в рамках празднования вузом 65-летия движения студенческих отрядов России.

ОБЩЕСТВО 25.04.2022 в 18:48

«Ма хъæрз, зæхх, мæ уд фæрыст дæ мастæй…»

Хæст… Фыдыбæстæйы  Стыр удхæссæг хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз, æнамонддзинад? Цал мады ныууагъта уарзон хъæбултыл зæрдæхалæн хъарæггæнгæ? 

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО