ОБЩЕСТВО

Уæдæ, кæцы комæй ралидзæг сты Дзестелтæ?

Æнусон бӕрзонд хӕхтӕм ʼввахс, Куырттаты комы, доны тӕккӕ был зыны Хилачъыхъӕу. Фондз ӕфсымӕры: Дзестел, Ади, Гуытъи, Хъанбег ӕмӕ Ӕрчъын цардысты уым ӕнгомӕй. Ацы нӕмттӕй равзӕрдысты мыггӕгтӕ: Дзестелтӕ, Андиатӕ, Гуытъиатӕ, Хъанбегатӕ, Æрчъынатæ.

 

Дзестелты Хъасболатæн уыд æртæ фырты – Дзахо, Дзабо, Цыцо (Георги).

 

Æрвадæлтæ – Цаги, Дрис, Бурсыг, Мылсыг, Гæппо, Дзаба, Бзи, Дзбо, Зиу уыдысты кæрæдзиуыл иузæрдион, æнгом. Хорзæй сæ фæзмыдтой Куырттаты комы цæрджытæ. Фæлæ хæххон цард йæ домæнтæ кодта, æмæ мыггæгтæ хицæнæй цæрыны фæнд бакодтой.

 

Дзестелтæн доны фæйнæфарс уыди сæрвæттæ, дзугтæ æмæ цъæх уыгæрдæнтæ. Бирæ бинонтæ уыдысты, фæлæ уæддæр куыстытыл не ʼххæссыдысты. Афæдзы мыздыл, фосæн йæ иу хайыл-иу баххуырстой лæскъдзæрæн – фыййæуттæ.

 

Иу изæр Хъасболы фырт Дзабойы бинойнаг-æфсин æрæвæрдта зокъотæй конд хæринаг. Бахордтой æхсæвæр бинонтæ иууылдæр иумæ, фыййæуттæ дæр семæ. Æмæ æвирхъау хабар – райсомæй фыййæуттæй иу нал райхъал – амардис.

 

Цавддурау фесты бинонтæ: «Уæдæ цы кодта?» – махмæ азым куы æрхæссой. Уæды рæстæджы зын сбæрæггæнæн уыд, адæймаг цы низæй амардис, уый.

 

Дзабо-иу арæх загъта: «Фæлтау дзы мæ бинонтæй дæр исчи куы фæрыстаид, кæд зокъоты аххосæй амард, уæд».

 

Хæдзары хистæр, дзыназгæ, стыр мæты бацыд: «Ныр нын Куырттаты комæй æрцæудзæн лидзгæ». Æмæ, æцæгдæр, хабар афтæ рауад. Уайтагъд адæмыл айхъуысти фыдзæрдæ дам-думтæ. «Уый та куыд?! Цæмæй йын афæдзы лæскъ мауал раттой, уый тыххæй мæгуыр фыййауæн фыдызнаджы ми бакодтой». Афтæтæ дзурæг адæм дыууæ мыггаджы бинонты ардыдтой кæрæдзиуыл, скодтой сæ æнаххосæй туджджынтæ.

 

Дзабойы, стæй фыййауы бинонтæн, Куырттаты комы цæрыны фадат нал уыд.

 

Æмæ уæд дзырддзæугæ тæрхоны лæгтæ рахастой уынаффæ: Дзестелты Дзабо æмæ æфсымæртæ – Дзахо æмæ Цыцо куыд ныууадзой Хилачъыхъæу, Куырттаты ком, цæмæй дарддæр мацы фыдбылыз æрцæуа дыууæ мыггаджы ʼхсæн.

 

Сыстадысты зæрдæрыстæй Дзестелты бинонтæ æмæ ныууагътой сæ фыдыуæзæг – Куырттаты ком. Фæцыдысты Хъуды коммæ, Ганисы хъæумæ. Хъуды ком сæ барæвдыдта уарзон мадау, æрбатыхта сæ йæ фæлмæн хъæбысы.

 

Дзестелтæ разындысты быхсаг, фæразон. Ганисы хъæуы цæрæг адæмæн уыдысты уарзон æмæ алцæмæй фæзминаг.

 

Æрвадæлтæ – Дзестелтæ: Цæги, Дрис, Бурсыг, Мæлсыг, Гаппо, Дзаба, Бзи, Дзбо, Зиу – баззадысты цæргæйæ Хилачъы хъæуы, Куырттаты комы.

 

1825 азы Ганисы цæрæг Дзестелтæ дæр æмæ куырттатаг Дзестелтæ дæр цæрæн бынæттæн равзæрстой Ирыхъæу æмæ Хæххон-металлургион техникумы (ГМТ) район, фæстæдæр фидар бындур скодтой Бæтæхъойыхъæуы дæр.

 

Мыггаджы фæсивæд æгъдауджынæй уыдысты фидар, хъæбатыр.

 

Уæд дын иуахæмы Дзестелты Зауыр хъæумæ æрбацæйцыд бæхыл, айхъуыста хъаугъа, топпы гæрæхтæ. Уый абырджытимæ тохы уынгæджы бахаудис Майрæмыхъуаты Дзабо – йæ фос ын тыхæй истой. Уæд Дзестелты Зауыр бадзуры: «Æз мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырдтæн, сымах ардыгæй куы ауадзон!» Æмæ рахæцыд абырджытимæ тохы Дзабойы фарс. Гауыртæй амардта авды, йæхæдæг дæр уыцы ран цæфтæй фæмард ис. Фæмард Майрæмыхъуаты Дзабо дæр. Иумæ сыл скодтой зарæг. Иры дзыллæйæ рох нæу сæ хъæбатырдзинад.

 

Стыр хъæбатырдзинад равдыста нæ гыццыл мыггаг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр. Тохы быдырмæ дзы ацыдысты тынг бирæйæ: Димитр, Илья, Аслæмбег, Бти, Руслан, Пысыма, Алексей, Батырбег, Гермæн, Налики, Уырысхан, Астемыр, Савели, Алыкка…

 

Бирæтæ дзы нал сыздæхтысты сæ фыдыуæзæг­мæ: Алыксийы фырт Бти; Дзабайы фырт Майрæм; Сабайы фырт Хъазыбег; Дзбойы æртæ фырты – Сергей, Бати æмæ Алексей.

 

Хъасболаты фырты фырт — Димитр фæхæцыд хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ. Сыздæхтис йæ хæдзармæ дзæбæхæй. Йæ фырт Аслæмбеджы хæст æрæййæфта горæт Таганроджы, хæцыди бæхджын æфсæддон полчъы. Фæцис уæззау цæф, æмæ йæ æфсæддон госпитæл хæстмæ нал ауагъта. Фæлæ уæддæр, йæ низтæ ницæмæ даргæйæ, дарддæр æххæст кодта йе ʼфсæддон хæс. Архайдта Горæтгæрон æфсады дивизийы.

 

Михалы фырт Илья ссис булкъон, фæхæцыд хæсты кæрæй-кæронмæ, куыста уый фæстæ Калачы, Гуырдзыйы æфсæддон хайады.

 

Дзестелты Пысыма та тох кодта Дзуарыхъæуы партизанты къорды. Скодтой йыл хъæбатыры зарæг.

 

Нæ фæсивæд дæнцæг кæмæй хæссой, ахæм куырыхон, фæлтæрд хистæртæ нæм уыди æмæ нæм ныртæккæ дæр ис: Садуллæйы (Семены) фырт Габоти (Костя); Раманы фырт Агыса (Алыксандр). Дыууæйæ дæр бирæ рæстæг æнтыстджынæй фæкуыстой ахсджиаг бынæтты. Габоти уыдис республикæйы хицауады разамонæджы хæдивæг, фæд-фæдыл фондз æмбырды уыдис депутат дæр; Агыса фæлæггад кодта республикæйы ГОРФО-йы (горæххæсткомы финансон хайады) курдиатджын разамонæгæй; Дзестелты Мурат Уасилы фырт та куыста республикæйы адджинæгты фабрикæйы директорæй.

 

Уæдæ ма иу бафиппаинаг хъуыддаг. Уыцы иу рæстæг республикæйы 12 райкомæй дыууæ районы фæскомцæдисы разамонджытæй куыстой Дзестелты Валодяйы фырт Батраз æмæ Дзестелты Махары фырт Барис. Фæскомцæдисы куысты фæстæ дæр архайдтой бæрзонд бынæтты: Батраз уыди республикæйы паддзахадон исбонады министры хæдивæг; Барис та – куыстуат «Брут»-ы генералон директорæй. Ныртæккæ Барис кусы Цæгат Ирыстоны муниципалон скондты Советы æххæстгæнæг директорæй.

 

Ахсджиаг бæрзонд кусæн бынæтты ма кусынц Аслæмбеджы фырттæ: Славик – 15 азæй фылдæр фæкуыста Цæгат Ирыстоны цуанæтты хæдзарады разамонæджы хæдивæгæй. Ныртæккæ та кусы Цæгат Ирыстоны æрдзон ресурстæ æмæ экологийы министрады сæйраг инспекторæй; Хазби у пъæлицæйы æмæ юстицийы булкъон, «Организация оперативно-розыскной деятельности Академии управления МВД России», зæгъ­гæ, уыцы кафедрæйы доцент; Дзестелты Батраз Раманы фырт – республикæйы электрон тыхты къабазы разамонæг.

 

Хъазбеджы фырттæ Толик æмæ Алыксандр кусынц Мæскуыйы стыр бынæтты.

 

Æрæджы нæ уарзондæр, курдиатджын хистæр – Дзестелты Сабайы фырт Виктор ссис Стыр Ныхасы уæнг Терчыфалейы районы.

 

Уæлдай бузныг та стæм нæ мыггаджы зæрдæргъæвд хистæр – Дзестелты Сабайы фырт Петайæ.

 

Дзестелты Роберт Федайы фырт, бирæ рæстæг фæллой фæкодта Рахизфарсы районы – уыдис Бæтæхъойыхъæуы хъæууонхæдзарадон фермерон хæдзарады сæйраг агроном. Стæй та Архонкæйы станицæйы «Долина Спаржы»-йы хæдзарады кусæг. Ныртæккæ дæр кусы ст. Архонкæйы дыргъдоны сæйраг агрономæй.

 

Нæ мыггаджы истори зонын, нæ фыдæлты фарн хъахъхъæнын фæдзæхсæм нæ кæстæртæн фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Цæмæй сæ уыдон дæр сæ зæрдыл дарой, рæсугъдæй сæ адæттæй фидæны фæлтæртæм.

 

Нæ фæсивæд сæ кад, сæ намыс нæ хистæрты кад æмæ намысæй барæнт, сæ курдиат ноджы бæрзонддæр уæд.

 

Рæстæджы домæнтæм гæсгæ, Ирыстоны иннæ мыггæгты æмрæнхъ цæугæйæ, Дзестелтæ дæр сæвзæрстой мыггаджы «Национ Совет» сфидар кодтой «Фæдзæхст».

 

ДЗЕСТЕЛТЫ Соня,

РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг

Уац фысгæйæ, спайда кодтон журналист Андиаты Мæхæмæты æрмæджытæй


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 24.11.2023 в 18:21

Урок мужества

Студенты Северо-Кавказского строительного техникума встретились с участниками СВО

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 1.10.2021 в 22:02

В Москве прошел Деловой форум СМИ

Специальным дипломом в номинации «Главный редактор года» была награждена главный редактор газеты «Владикавказ» Алла Хинчагова.

ОБЩЕСТВО 23.10.2021 в 08:04

Ирон фæндыр – не ‘мбæлццон

Куыд зонæм афтæмæй, фæндыр у – адæмы фарн æмæ аивады символ. 

ОБЩЕСТВО 17.04.2024 в 21:33

Добрая традиция

 Отмечать вместе праздники, сохраняя тем самым свою культуру, обычаи и передавая их из поколения в поколение, – добрая традиция представителей татарской диаспоры.

ОБЩЕСТВО 27.05.2022 в 21:31

Цвети, Осетия моя

30-летие Северо-Осетинского регионального межнационального общественного движения «Наша Осетия» торжественно отметили в Национальном театре оперы и балета РСО-А. Большую роль в организации, да и в принципе существования «Нашей Осетии», сыграл Вячеслав Лагкуев. 

ОБЩЕСТВО 17.08.2023 в 08:11

УÆЛАХИЗ УЫДЗÆН МАХ

Республикæйы дарддæр цæуынц сæрмагонд хæстон операцийæн æххуысы мадзæлттæ. Куы иу ран, куы иннæ ранæй араст вæййы гуманитарон æххуыс нæ лæппутæм.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО