ОБЩЕСТВО

УЫД СФÆЛДЫСТАДОН МОНЦТЫ УАЦАРЫ

Поэт, публицист, тæлмацгæнæг, Асаты Реуазы райгуырдыл сæххæст 100 азы.

Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Асаты Реуазимæ базонгæ дæн 70-æм азты. Зонгæ та бадæн, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы æвзонг автортæн уæд цы семинартæ уагътой, уым. Уæдæ фæстæмæй, цалынмæ цард, уæдæй нæ хъуыды кæнын, искуы амбæлдыстæм æмæ мæ нæ барæвдыдта, адджын ныхас нæ акодта мемæ. Абон дæр ма хорз хъуыды кæнын йæ уæды амындтытæ, разæнгардгæнæг дзырдтæ, йæ фæдзæхстытæ.

Реуаз райгуырдис 1921 азы 15 июлы Къахеты. Фараст азы йыл куы сæххæст, уæд йæ бинонтæ æрцагуырдтой сæ фыдыбæстæ æмæ цæрынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстонмæ, сæ туг, се стæг адæм æмæ сæ бирæнымæц хæстæджытæ æмæ зонгæты цурмæ. Фыд æмæ мадмæ нæ уыд ахуырдзинад, фæлæ тынг хорз æмбæрстой, ахуырдзинад æмæ зонындзинæдтæ ахъаз кæй сты цард саразынæн æмæ сæ фырт Реуазы ахуыр кæнынмæ барвыстой Сталиниры авдазон скъоламæ. Къласы Реуаз уыд се ‘ппæтæй хистæр, уыимæ ма йæ зонындзинæдтæ дæр уыдысты хуыздæр æмæ кæимæ ахуыр кодта, уыдонæн ссис сæ раздзог. Скъола æнтыстджынæй каст фæцис 1938 азы æмæ уыцы аз æнæ уæлдай зындзинæдтимæ бацыд Сталиниры педагогон ахуыргæнæндонмæ.

1941 азы йæ каст куы фæцис, уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Реуазæн йе ‘мкарæнтæ æмæ зонгæтæй хæстмæ бирæ ацыд. Уый дæр йæхицæн нал ардта бынат, фæлæ уыимæ хорз æмбæрста, знагæй Райгуырæн бæстæ, дæ адæм æмæ бинонты бахъахъхъæнын æнцондæр кæй у хæстон зонындзинæдты фæрцы æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Сталиниры æфсæддон аэроклубмæ.

Куыддæр æй каст фæцис, афтæ барвæндонæй ацыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Активон хайад райста Цæгат Кавказы тугкалæн тохты. Бирæ зын æмæ уæззау уавæрты-иу бахауд йе ‘мхæстонтимæ, дис дæр ма-иу бакодта, зæгъгæ, ме ‘мхæстонтæ мæ алы фæрсты хауынц знаджы нæмгуыты цæфæй, æз та мæ къæхтыл баззайын. Уæд цал æмæ цал цæф хæстоны бааууон кодта знаджы цæстæнгас æмæ нæмыгæй.

О, фæлæ, уыцы зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, йæ хæстхъом хæстонтимæ цыд размæ æмæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдта немыцаг фыдгæнджытæн. Йе ‘мхæстонтимæ ныххæццæ Новороссийскмæ. Ам хæстон архайдтытæ цыдысты ноджы карздæрæй æмæ иу ахæм тохты Реуаз фæцис уæззау цæф. Уæд, кæд æй ныфс дæр нал уыд удæгасæй баззайдзæн, уæддæр, йæхæдæг цалдæр хатты кæй фервæзын кодта, уыцы хæстонтæ йæ тохы быдырæй рахастой æдасдæр бынатмæ.

Цалдæр мæйы æфсæддон рынчындоны схос кæныны фæстæ медицинон къамисы уæнгтæ аскъуыддзаг кодтой, Реуаз кæй фесæфта йæ хæстхъомдзинад æмæ йæ рарвыстой фронтæй.

Райгуырæн зæхмæ æрыздæхгæйæ, нæ барухс йæ зæрдæ. Тынгдæр æй тыхсын кодта уый, йæ хиуæттæ æмæ зонгæты фылдæр хай хæсты кæй уыдысты æмæ уый сæ фарсмæ кæй нæ уыд. Раст æм нæ каст сабитæ, ацæргæтæ æмæ сылгоймæгты ‘хсæн уæвын æмæ-иу йе ‘нæниздзинад куы фæхуыздæр, уæд та-иу балæууыд æфсæддон къамисариаты, домдта сæ, цæмæй ногæй конд æрцæуа хæстмæ. Ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ хатт нæ уыд, бæргæ сын æмбарын кодта, йæ хæстхъомдзинад æм ногæй кæй раздæхт, фæлæ та-иу æй рарвыстой æнкъард æмæ æрхæндæгæй.

Цалдæр азы фæстæ Реуазæн дзæвгар фæ­хуыздæр йе ‘нæниздзинад, уыйбæрц æй нал хъыгдардтой йæ бирæнымæц цæфтæ æмæ уæд йæ сæйрагдæр аудинæгтæй иу ссис, цæмæй райса уæлдæр ахуырдзинад. Сæххæст йæ ацы бæллиц. Ссис Сталиниры педагогон институты филологийы хайады студент. Уæдмæ ныффыста къорд æмдзæвгæйы. Мыхуыр сæ кодта куыд газет «Коммунист», журнал «Фидиуæг», афтæ æндæр ирон мыхуыры фæрæзты дæр.

Йæхицæй хистæр фæлтæр бамбæрстой, Реуазмæ кæй ис поэтикон æнкъарæнтæ, æмæ йæ баразæнгард кодтой, цæмæй адарддæр кæна йæ ахуыр. Афтæ дæр бакодта. Ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институтмæ. Ахуыргæнæндоны литературон курсытæ каст куы фæцис, уæд æрыздæхт Сталинирмæ æмæ куыста газет «Коммунист»-ы хайады гæсæй, бæрнон нымæрдарæй, тæлмацгæнæгæй, редакторы хæдивæгæй.

Уый фæстæ Реуаз куыста партийы Хуссар Ирыстоны обкомы инструкторæй, Хуссар Ирыстонæй телеграфон агентады сæрмагонд уацхæссæгæй. Реуаз ма къорд азты куыста журнал «Фидиуæг»-ы редакторæй, уыд паддзахадон музей æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры сæргълæууæг, афтæ ма æндæр бæрнон бынæтты.

Уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй кæд Реуаз æмдзæвгæтæ фыссын чысылæй райдыдта, уæддæр йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты, 17 азы йыл куы сæххæст, уæд. Бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Хæстоны сис» та йын æрхаста литературон кад æмæ ма уый фæстæ цы чингуытæ рауагъта, уыдоны нымæц схызт цыппормæ.

Куыд бирæ æндæр поэттæн, афтæ Реуазы æмдзæвгæты тематикæ дæр у уæрæх. Дзæвгар æмдзæвгæтæ ныффыста фыдыбæстæ, хæст, уарзт, куыстыл æмæ æндæр темæтыл. Кæцыфæнды дзы ма бакæсай, алкæцы дæр дзы æргом кæны райгуырæн бæстæмæ, куыст уарзын, рæстагæй цæрыны æнкъарæнтæ. Йе ‘мдзæвгæтæй сæ иу «Зарæг райгуырæн бæстæйыл» дзуры:

Мæ райгуырæн бæстæ, дæ цæра, дæ уарзтæй –

Мæ цард дæр, мæ бон дæр, мæ цин дæр, мæ маст дæр.

Мæ райгуырæн бæстæ, мæ зæрдæйы ‘вæрд дæ,–

Нæ зымæг, нæ уалдзæг, нæ фæззæг, нæ сæрд дæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй иуы та афтæ зæгъы:

Фæсидтæ нæм тохмæ, мæ Райгуырæн бæстæ, –

Мæ риуы ныххызти дæ хæстон фæдис.

Сырх Æфсады рæнхъыты æз райстон мæ гæрзтæ, –

Джебогъимæ хастон мæ уарзон цыргъ сис!

Реуаз алцæуыл дæр ныфсджынæй кæй фыста, æмæ искæй тыххæй йæ раст хъуыдытæ кæй не ‘мбæхста, уый бæрæг у, йе ‘мдзæвгæ «Æнусты бæллиц»-æй дæр.

Лæууы Кавказы хох фыдæлтæй

Дыууæ Иры ‘хсæн цыма барæй.

Фæлæ уый уарзæгой зæрдæтæн

Сæ астæу никуы уыдис арæн.

Реуазмæ уыдис стыр куыстхъомдзинад. Цы бирæнымæц æмдзæвгæтæ, легендæтæ, балладатæ, кадджытæ æмæ æндæр ахæм уацмыстæ ныффыста, уыдон ‘хсæн сæрмагонд бынат ахсынц уарзты темæйыл фыст æмдзæвгæтæ. Сæ иуы афтæ зæгъы:

Рацу ‘мбисæхсæв, сæумæрайсом,

О, цымæ кæм дæ, мæ бон?

Рацу, курын дæ, мæ уарзон,

Нал у ‘нхъæлмæ каст мæ бон.

Реуазы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц йæ тæлмацтæ. Кæй уацмыстæ ратæлмац кодта, уыдоны ‘хсæн сты А. Пушкин, И. Крылов, Т. Шевченко, И. Франко, В. Маяковский, К. Симонов, И. Абашидзе æмæ æндæртæ.

Ацы уац мæ фæуын фæнды, райдианы цы семинарты кой ракодтон, уымæй. Уымæн æмæ-иу ахæм семинарты рæстæджы, кæд æвзонг авторты уацмыстæй нæ барухс Реуазы зæрдæ, уæддæр-иу сын бауайдзæф кæныны бæсты загъта, зæгъгæ, уæ фæлтæрддзинад куы фæтыхджындæр уа, уæд уæ уацмыстæй кæцыдæртæ рабæздзысты. Ам дæр бæрæг уыд Реуазæн æрыгæттæм йæ разæнгардгæнæг ахаст. Æвзонг автортæн уый алы хатт дæр сæ уæнгты уагъта тых, цæмæй цы фæндаг равзæрстой, уымæй ма фæиппæрд уой.

ГÆЗЗАТЫ Иван


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 29.07.2022 в 20:47

Лыстæг каст царды æгъдæуттæм æмæ фæзындтытæм, адæймаджы архайд æмæ йæ уды кондмæ

Зындгонд ирон фыссæг Коцойты Бибойы фырт Арсены райгуырдыл сæххæст 150 азы.

ОБЩЕСТВО 22.12.2022 в 09:28

Йæ литературæйы хъайтартæ бирæтæн систы уарзон

Ирыстоны хуыздæр сылгоймаг-фысджытæй иу – Будайты Милуся бæрæг кæны йæ юбилей

ОБЩЕСТВО 26.10.2022 в 19:48

Без счетчиков дороже

Все больше жителей Владикавказа предпочитают оплачивать услугу подачи холодной воды и водоотведение по водомеру. За несколько лет в столице Северной Осетии количество установленных счетчиков на воду увеличилось почти в два раза. Сегодня 38 680 абонентов уже установили приборы учета воды.

ОБЩЕСТВО 2.07.2024 в 09:13

60 лет Эльбрусу Кубалову

30 июня исполнилось 60 лет заслуженному артисту РФ, народному артисту РСО-А и КБР, обладателю медали «Во славу Осетии», директору Государственной филармонии РСО-А Эльбрусу Таймуразовичу Кубалову.

Новости города 29.06.2021 в 10:37

С военным билетом на престижную работу

Призыв граждан на военную службу всегда взаимосвязан с получением военного билета.

ГОРОД 27.03.2024 в 20:34

Вопросы архитектуры и градостроительства

В Администрации местного самоуправления г. Владикавказа состоялась встреча главы АМС Вячеслава Мильдзихова с представителями Союза архитекторов республики.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО