Кад æмæ, дам, цард æмбæлццæттæ сты. Æмæ куыннæ хъуамæ кæнæм арфæ йæ райгуырæн бон Хынцæгты Аллæйæн!
Куыд фæзæгъынц, арфæйæн йæ хъомыс арвæй, куы цæуа зæрдæйæн йæ арфæй. Гъемæ махæн дæр нæ уды фæндиæгтæ цæуынц нæ зæрдæйы рæбынæй. Уымæн æмæ Аллæ у æцæг разамонæг æмæ æппæт хъарутæй архайы, цæмæй мах, газет «Владикавказ»-ы редакцийы кусджытæ, цæрæм иу бинонтау хæларæй, цæмæй алывæрсыгæй, ирдæй æвдисæм Дзæуджыхъæуы цард, нæ дзыллæйы удхъомысы хæрзтæ, алы кары æмæ алы дæсныйæдты минæвæртты цымыдисаг хъысмæттæ.
Аллæ фыццаджыдæр домы йæхицæй, ис æм хъæппæрис, хаты ногдзинад, у къæрцхъус алкæмæ дæр, уымæ гæсгæ нæ кусджытæй алчидæр архайы бæрнондæр уæвыныл.
Цыбырдзырдæй, Хынцæгты Аллæ у фæрныг адæймаг æмæ алы хуызы дæр куыд мад, куыд æмгар, куыд разамонæг йæ хæстæ æххæст кæны кад æмæ радæй. Гъемæ йын нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, цардамонд æмæ ног æнтыстытæ йæ бæрнон куысты.
Аллæ, дæ рæсугъд бæллицтæ иууылдæр сæххæст уæнт æмæ цæрынæй бафсæд дæ уарзон адæмимæ.
Амонды хур дæ тавæд!
Газет «Владикавказ»-ы редакцийы кусджытæ