ОБЩЕСТВО

ЦАГЪАРЫ БÆСТЫ — МÆЛÆТ

Карз хæст райдыдта… Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хъæутæ æмæ быдырты…

 

Калоты Хазби

 

Рæстæг тагъд згъоры. 9-æм майы 79 азы æххæст кæны, Берлины Рейхстаджы сæрмæ Уæлахизы сырх тырыса куы сфæйлыдта, уыцы стыр бæрæгбоныл. Æмæ цас фылдæр рæстæг цæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уыцы тугкалæн бонтæй, уыйас арæхдæр æрымысæм Уæлахизы бон.

 

Уыцы Уæлахизмæ бирæ тугвæндæгтыл фæцыдыстут, нæ буц хъæбатыр хæстонтæ, бирæ хъæутæ, горæттæ суæгъд кæнын уæ бахъуыд знагæй. Æмæ алы ран дæр уæхи æвдыстат ныфсджын æмæ æхсарджынæй. Бирæ бæстæты бон не бацис ахæм тыхджын знаджы ныхмæ æрлæууын. Фæлæ сымах, нæ намысджын хъайтар хæстонтæ, хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ хъæддых фæлæууыдыстут, зæххы къори йæхи бакæнынмæ чи хъавыд, уыцы фашистты ныхмæ, æмæ сын цæхгæр æрæхгæдтат сæ фæндæгтæ. Бæрзæйсæттæн цæф ныккодтат æрбалæбурæг фашисттæн æмæ фæуæлахиз стут историйы æппæты тыхджындæр æмæ тæссагдæр знагыл.

 

Хæст… Фыдыбæстæйы Стыр уд­хæссæг хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз, æнамонддзинад! Цал мады ныууагъта уарзон хъæбултыл зæрдæхалæн хъарæггæнгæ! Цал сылгоймагæн бавзарын кодта идæдзы уæззау хъысмæт æнахъом сабитимæ! Цал æмæ цал сывæллонæн схауын кодта сæ сидзæры, æвæгæсæджы хæлттæ! Цыппар азы дæргъы иу бон дæр нæ банцадысты тугкалæн хæстытæ.

 

Стыр Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы тохы быдырты сæ хъæбатырдзинадæй цæстæвæрæн фесты ирон хæстонтæ. Иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты æмæ араст сты тохы быдырмæ. Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой се стыр Фыдыбæстæ, æцæгæй йын аргъ кодтой. Сæ хæс уыд иу – цыфыддæр знаг хъуамæ ссæст æрцæуа. Цагъары бæсты – мæлæт! Ахæм нысанимæ цыд ивгъуыд æнусы цыппорæм азты райдианы зæххыл æппæты карздæр æмæ æгъатырдæр, æппæты егъаудæр хæстмæ Ирыстоны сагсур фæсивæд. Уыцы æдзард хъæбултæ баззадысты адæмы зæрдæты, сæхицæн æмæ Ирыстонæн мыггагмæ ном скодтой се ʼмбисонды æхсар æмæ лæгдзинадæй, æмæ сыл ирон адæм кады зарджытæ дæр уымæн кæнынц.

 

Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, фыдызнаджы ныхмæ хæцгæйæ, нæ зынаргъ ветерантæ, уе ʼмбæлттæй бирæтæ æнустæм хуысгæйæ баззадысты тохы быдыры. Хæстæй чи нал сыздæхт, уыдон рухсаг уæнт, мах сын сæ рухс нæмттæ нæ зæрдыл дардзыстæм. Уыцы тугкалæн хæсты цы стыр лæгдзинад равдыстат, уый махæй рох никуы уыдзæн, æмæ нæ хъæбатыр хæстонтæн кæндзыстæм стыр аргъ. Сымах æмæ уе ʼдзард æмбæлтты тугæй æлхæд у ацы Уæлахиз.

 

Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ разындзæн, æмæ уыцы æнахъинон хæсты цæхæртæ кæй нæ басыгътой, хъыгдард дзы чи нæ баййæфта. Æмæ зæрдиаг арфæ кæнæм нæ хæстонтæн-фронтовиктæн, нæ хæстонтæн-уæлахизхæсджытæн, партизанты къордты фашистты ныхмæ чи хæцыд, фæсчъылдымæй нæ хæстонтæн чи æххуыс кодта, уыцы фæллойгæнджытæн, не стыр Уæлахизмæ æвæрæн чи бахаста, уыдонæн се ʼппæтæн дæр.

 

Абон мах сæрыстыр стæм сымахæй. Уæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ, æфсæддон намыс æмæ мидисджын цардвæндаг мах ахуыр кæнынц патриотизмыл æмæ рæсугъд æгъдæуттыл. Сымах стут абон не ʼхсæнады фидауц!

 

79 азы æнæ хæстæй бонæй-бон рæсугъддæр кæны нæ адæмы цард. Карзæй тох кæнæм, дунейыл ног хæст бандзарынмæ чи хъавы, уыдоны фæдфæливæн миты ныхмæ. Дунейы дзыллæты фарн тыхджындæр у, хæстæй чи æртхъирæн кæны, уыдонæй.

 

Кад, намыс, уæздандзинад, æфсарм æмæ æхсар, Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинад ирон лæгæн йæ туджы сты, нæ фыдæлтæй нын баззадысты. Афтæ уыд æмæ уыдзæн æнустæм! Æмзонд, æмхъару æмæ æмвæнд куы уæм, уæд фæуæлахиз уыдзыстæм цавæрфæнды хæрамдзинадыл æмæ фыддзинадыл дæр.

 

Нæ зæрдæ уын зæгъы, нæ зынаргъ ветерантæ, æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ныфс. Уæлахиз ут, нæ уæлахиздзаутæ!

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 1.03.2022 в 10:21

Ком фидауы мæсгуытæй, адæмыхатт та – лæгтæй

Адæймаджы зæрдæ хицæн стыр дуне кæй у, йæ уд æмæ зонд та йæ райгуырæн уæзæджы æрдз, хистæрты фарныл кæй æнцой кæны, уый йæ царды æмæ йæ алывæрсыг сфæлдыстадон архайдæй чи равдыста, уыцы дæснытæй иу у профессор, экономикон наукæты доктор, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг Гаситы Петр Елберды фырт.

ОБЩЕСТВО 12.08.2022 в 19:33

Царды æгъдæуттæ фæзминаг хистæртæй цæуынц

Отставкæйы булкъон Мурацты Мæбеджы мысгæйæ.

ОБЩЕСТВО 13.02.2024 в 08:15

ИЛАС ÆРНИГОНЫ МЫСÆН ИЗÆР

Абон Илас Æрнигоны кой куы ракæнæм, уæд  нæ зæрдыл æрбалæууынц йæ уацмыстæ: «Челе», «Уайсадæг чындз», «Хæрзбон» æмæ æндæртæ. Илас Æрнигон (Тогуыз­ты Газакк) уыд стыр ахуыргонд адæймаг. Зыдта кита­йаг, япойнаг æмæ корейаг æвзæгтæ, уыдис дæсны лингвист.  Йе сфæлдыстадыл бирæ дзурæн ис. Фыссæджы курдиатæн бирæ табугæнджытæ кæй ис, уый рабæрæг знон йæ мысæн изæры.

ОБЩЕСТВО 18.01.2024 в 09:36

Горный инженер Владимир Куппеев

Имя горного инженера Владимира Куппеева хорошо знакомо многим жителям Колымы, Чукотки и даже Республики Никарагуа. Он – выходец из селения Красногор и один из тех людей, которые глубоко чтят свои корни. Сегодня хотим познакомить с этим уважаемым человеком читателей газеты «Владикавказ».

ОБЩЕСТВО 13.07.2021 в 08:05

Бывших не бывает…

Это расхожее выражение звучит обычно в адрес человека, профессия, род занятий либо общественные деяния которого оставляют отпечаток на всю жизнь.

ОБЩЕСТВО 27.01.2024 в 08:21

Трамвай памяти

27 января в нашей стране вспоминают одно из самых трагичных событий Великой Отечественной войны – полному освобождению Ленинграда от фашистской блокады исполняется 80 лет.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО