Алы æвзаджы дæр ис, цы адæм ыл фæдзурынц, уыдоны уд. Сæдæгай фæлтæртæ æнусты тарæй цырагъау фæхастой ирон æвзаг, йæ зæлынад ын аивæй аивдæр кодтой. Аргъ кæмæн нæй, ахæм хæзнайау æй балæвар кодтой махæн. Абон нæ хæс у уыцы хæзна бахъахъхъæнын æмæ йæ дарддæры фæлтæртæм фæхæццæ кæнын.
Ацы хъуыддаджы фæдыл арæзт цæуынц бирæ проекттæ, кусынц æмæ йыл куыстой бирæ дзырддзæугæ лæгтæ. Уыцы ахсджиаг хъуыды арф бахызт Дзæуджыхъæуы хицауады минæвæртты зæрдæтæм. Сæ размæ хæс сæвæрдтой, цæмæй ирон æвзаг скъолайы иннæ предметты ’хсæн ноджы бæрзонддæр бынат куыд ахса.
Уыцы рæсугъд фæндтæй иу – саразын нæ фæсивæдæн зарæг «Ирон æвзаджы кадæн» æмæ уыцы бæрнон хъуыддаг йæхимæ райста Джиоты Хъазыбег. Зарæджы ныхæстæ фыст æрцыдысты. Тагъд сын фæзындзæн аив музыкæ дæр æмæ йæ æвзонг хъæлæстæ бæрзонд сисдзысты.
Ирон æвзаджы кадæн
Сæууон хуры тын дунейæн йæ тавæг,
Ныййарæгау та – мадæлон æвзаг.
Ирон æвзаг, мæ цардыуаг, мæ зарæг,
Хæддзу ныхæстæ йе стырдæр ызнаг.
Базард:
Зæланг кæнæд скифты ‘взаг нæ Ирыл,
Æхсидæт дзы нæртон лæджы хъæлæс!
Цæрæд нæ Ир! Уæд амондджын нæ фидæн,
О, Уастырджи, дæ хорз цæстæй нæм кæс!
Цы адæмæн йæ æвзаг у йæ хæзна,
Йæ кад æнустæм а зæххыл нæрдзæн.
Кæстæр æгъдауæй хистæры куы фæзма,
Уæд а дунейы кадджынæй цæрдзæн.
Базард:
Зæланг кæнæд скифты ’взаг нæ Ирыл,
Æхсидæт дзы нæртон лæджы хъæлæс!
Цæрæд нæ Ир! Уæд амондджын нæ фидæн,
О, Уастырджи, дæ хорз цæстæй нæм кæс!
Ирон ныхас мæ а зæххы кæронæй,
Ирыстонмæ фæхæццæ кæны тагъд.
Цыма фæнуазын йе ’хсæрдзæнты донæй,
Кæнæ фæхъусын хъазты фæндырдзагъд.
Базард:
Зæланг кæнæд скифты ’взаг нæ Ирыл,
Æхсидæт дзы нæртон лæджы хъæлæс!
Цæрæд нæ Ир! Уæд амондджын нæ фидæн,
О, Уастырджи, дæ хорз цæстæй нæм кæс.
ДЖИОТЫ Хъазыбег