ОБЩЕСТВО

ИРОН ÆВЗАГЗОНЫНАДЫ ЗЫНГÆ АРХАЙÆГ

Бекъойты Димитры райгуырдыл сæххæст 110 азы

 

Тæхудиаг у ахæм адæймаг, йе ‘цæг дунемæ ацæуыны фæстæ йæ хорз хъуыддæгтæй йæ кады ном уæлæуыл кæмæн баззайы. Уыдонæй сæ иу, Бекъойты Димитр у. Уый ирон æвзаджы рæзты хъуыддагмæ бахаста стыр хайбавæрд.

 

Бекъойты Димитр райгуырд æмæ схъомыл Ирыстоны иууыл фæрнджындæр æмæ рæсугъддæр къуымтæй сæ иу – Джеры хъæуы Уастырджийы кувæндоны дæлфæдджи æмæ, æвæццæгæн, йæ адæмæн аккаг хъæбулæй дæр уымæн басгуыхт.

 

Димитр хъомыл кодта зæхкусæг лæджы хæдзары æмæ, хæххон зын уавæрты цæргæйæ, йе ‘ххуысы къух дардта йæ ныййарджытæм. Ахæм хæххон куыст нæ разындаид æмæ уый цæмæ нæ сарæхстаид. Хъомыл та кодта ирон хæххон карз домæнтыл – хистæрæн кад æмæ аргъ кæнын, кæстæрæн зонд амонын, райгуырæн уæзæг æгæрон уарзтæй уарзыныл. Мадæлон æвзагмæ стыр уарзондзинады æнкъарæнтæ дæр æм ам фæзынд, чысылæй фæстæмæ йæ бауарзта, хъуыды кодта алы дзырды равзæрд æмæ æууæлыл дæр. Фæстæдæр сыл зонадон æгъдауæй бакусынмæ, афтæ зæрдиагæй дæр уымæн æрæвнæлдта. Уæды рæстæджы-иу райдиан скъола чи бакаст, уыдон дæр ахуыргонд адæмыл нымад цыдысты. Фæлæ Димитр ууыл не ‘рлæууыд. Зæрдæргъæвд лæппу, фæстæдæр 1931 азы каст фæцис Цхинвалы ахуыргæнджыты курсытæ.

 

Уыцы азты æнæахуырдзинад скуынæг кæнын уыдис парти æмæ хицауады сæйрагдæр нысæнттæй сæ иу. Æмæ иугæр æнусты дæргъы талынг цардгæнæг ирон адæмæн фадат фæцис, уæд ныггуылф кодтой æмæ æрлæууыдысты ахуыры фæндагыл. Хъæуты алы ран дæр кодтой скъолатæ. Цхинвалы районы Уалыты хъæуы райдиан скъоламæ директорæй арвыстой Димитры дæр. Зæрдиагæй дзы фæкуыста æртæ азы, фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта рабфакы. Фæлæ та ууыл дæр не ‘рлæууыд. Æвзагзонынады фæдыл йæ сæры цы бирæ фарстатæ æвзæрд, уыдонæн агуырдта дзуаппытæ æмæ сæ ссардта, 1934 азы Сталиниры паддзахадон институтмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ ахуырмæ куы бацыд, уæд. Каст æй фæцис 1937 карз æмæ вазыгджын азы. Институты йын йæ ахуыргæнджытæ уайтагъд фæхатыдысты йе ‘взыгъддзинæдтæ, зонадмæ йæ тырнындзинад æмæ арф хъуыдыкæнынад. Уыцы рæстæджы кадртæ нæ фаг кодтой канд скъолаты нæ, фæлæ педагогон институты дæр æмæ Димитрæн йæ зонындзинæдтæ хынцгæйæ йæ æрурæдтой сæхимæ æмæ суанг йæ амæлæты бонмæ куыста уым æмæ ахуыргæнджыты кадртæ цæттæ кодта Хуссар Ирыстоны скъолатæн.

 

Æмæ кæд Димитры æххуыс зæрдиагæй агуырдтой алы ран дæр, уæддæр сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, æрвыст æрцыдис Тбилисы университеты аспирантурæмæ. Уым Георги Ахвледианийы цæстуарзон æххуыс æмæ разамынды фæстиуæгæн 1950 азы æнтыстджынæй бахъахъхъæдта диссертаци æмæ йын саккаг кодтой филологон зонæдты кандидаты ном. Йæ темæ та уыдис, рагæй фæстæмæ йын æнцойад чи нæ лæвæрдта, уыцы темæ: «Хуссар Ирыстоны ныхасздæхтыты фонетикон хицæндзинæдтæ».

 

Бекъойты Димитрæн йæ иууыл стырдæр бæллицтæй иу уыдис ирон æвзагыл кусын æмæ йæ рæзын кæнын æмæ уый сæраппонд тынг бирæ рæстæг æмæ хъарутæ хардз кодта. Институты нæ уыдис ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ æмæ йæм уый стыр хардзау кастис. Бирæ фыдæбон фæкодта, фæлæ уæддæр йæ хъуыддаг рауад æмæ 1953 азы институты арæзт æрцыдис ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ æмæ йын 22 азы бæрц арæхстджынæй разамынд кодта йæхæдæг. Кафедрæ æрбакæнынæй бирæ фæхуыздæр ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны хъуыддаг.

 

Æндæр æмæ æндæр рæстæджыты институты Димитр куыста деканæй æмæ æндæр бæрнон бынæтты дæр. Æмæ канд ахуырхъомыладон куыст нæ, фæлæ ма уæхскуæзæй кодта зонадон-иртасæн куыст дæр, фыста ахуыргæнæн æмæ методикон чингуытæ дæр. Къорд азты дæргъы не скъолаты ахуыр кодтой йæ ахуыргæнæн чиныг «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы фонетикæ æмæ морфологийæ. Бирæ йын бантыст саразын райдиан æмæ астæуккаг скъолатæн программæтæ æмæ методикон литературæ аразыны хъуыддаджы дæр.

 

Уырзæй æвзарæгау кодта дзырдтæ, диалекты ныхасздæхтыты хиæдтæ, иртæста æмæ сын ахуыр кодта сæ равзæрд, сæ ивындзинад, сæ бындур, сæ равзæрд. Уыйбæрц æрмæг æрымбырд кодта æмæ рауагъта стыр гуырахстджын зонадон куыст, чиныг ахæм сæргондимæ: «Ирон æвзаджы ирон диалект». Уый уыдис йæ докторон диссертаци дæр. Фæлæ хъысмæт сайдæй рацыд ацы куырыхон, Хуыцауысконд лæгыл. Диссертаци бæргæ бацæттæ кодта, нысангонд æрцыдис йæ бахъахъхъæныны бон дæр, фæлæ уымæй цалдæр боны раздæр 1980 азы 11 мартъийы йæ кусынæй банцад йе ‘нæнцой зæрдæ. Фæлæ цы иртасæн куыстытæ бакодта, уыдон цæрынц æмæ йын сты удæгас цырт йæ амæлæты фæстæ. Уыцы куыст рацыдис йæ амæлæты фæстæ æмæ стыр ахъаз фæцис æмткæй ирон грамматикæ, диалектологи æмæ историйы рæзтæн. Ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультеты студенттæн ссис сæ иууыл хуыздæр æххуысгæнæг.

 

Никуы ферох уыдзæнис Бекъойты Димитры рухс ном, чи йæ зыдта, уыдонæй. Ныр йæ райгуырдыл сæххæст уыдаид 110 азы æмæ йын пакъуыйау фæлмæн уæд, афтæ тынг кæй уарзта, уыцы зæхх.

 

БЕСТАУТЫ Валя


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 16.01.2018 в 11:24

«Хæдзаронтæ»

Как в старой Осетии отмечали старый Новый год?. Литературно-музыкальную композицию на эту тему под названием «Хæдзаронтæ» в минувшую пятницу, 12 января

ОБЩЕСТВО 15.06.2022 в 21:19

Медицинское освидетельствование призывников

В военном комиссариате г. Владикавказа продолжается весенняя призывная кампания. Призывники проходят мероприятия, связанные с призывом.

ОБЩЕСТВО 22.06.2023 в 08:21

Уберечь ребенка, или сложные задачи педагогов-психологов

В Северо-Осетинском институте повышения квалификации работников образования собрались педагоги-психологи, сотрудники правоохранительных органов, чтобы обсудить актуальные психолого-педагогические проблемы образовательного процесса.

ОБЩЕСТВО 20.03.2023 в 18:24

Между востоком и западом

Как сегодня изменилась риторика политиков бомонда? Попробуем разобраться.

ОБЩЕСТВО 6.02.2024 в 08:47

БАРÆГ БÆХÆЙ ФИДАУЫ, БÆХ ТА – БАРÆГÆЙ

Номдзыд ирон цирчы артисткæ, барæг, коллектив «Ирыстон»-ы разамонджытæй иу, Цæгат Ирыстон æмæ ССРЦ адæмон артисткæ Тугъанты Дзерассæйы райгуырдыл сæххæст 95 азы

ОБЩЕСТВО 21.10.2023 в 08:44

Хранитель памяти

Открытие приурочат к 20-й годовщине теракта в бесланской школе.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО