ОБЩЕСТВО

Раст фæтк æви æлгъыстаг?

Æвæццæгæн, æрдзы диссæгтæй сæ тæккæ цымыдисагдæр у адæймаг. Уыимæ, туг, стджытæ æмæ хæцъæфтæй конд у алы цæрæгой дæр. Адæймаджы та уыдонæй хицæн кæны æрмæстдæр йæ уд. Уый нын у Хуыцауæй лæвæрд æмæ æнцайы нæ миддунейыл, Хуыцаумæ цы цæстæй кæсæм, ууыл. Арæх цъаммар, æдзæсгом адæймагæй фæзæгъæм: «Хуыцау ын нæй». Адæмуарзон, æргом æмæ хæрзæгъдауы та фæхонæм Хуыцауы сконд, гъе Хуыцауæй æрвыст адæймаг. Уыцы дзырдбæстытæ абон не ’рхъуыды кодтам, баззадысты нын фыдæлтæй. Уый амоны, уыдоны дунеæмбарынады Хуыцау æмæ уырнынад цы стыр бынат ахстой, уый. Куывтой йæм, сæхи йыл фæдзæхстой. Табу кодтой йе сконд зæдтæн, цыдысты сыгъдæг дзуæрттæм се ’ртæ кæрдзынимæ.

 

Æвæццæгæн, нæ миддунейы бындур дæр Хуыцауæй лæвæрд у, мæнæ хæдзарæн фундамент куыд вæййы, раст афтæ. Фæлæ уый фæстæ уыцы бындурыл алчи йæхæдæг амайы бæстыхай. Фыццаг бинонты æххуысæй, стæй ахуырадон уагдæтты æмæ дарддæр – æхсæнады мидæг. Кæронбæттæны, чидæртæ, царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл ацæугæйæ æмæ фæлтæрддзинад райсгæйæ, ссарынц фæндаг Хуыцаумæ, æмæ адæмы ‘хсæн кад æмæ радимæ фæцæрынц. Иннæтæ та се ’ргом Хуыцауæй аздахынц, материалон æхсызгондзинæдтыл цуаны сæм цæсгом фæчъизи кæнын, хи пайдайы тыххæй адæмæн фыд ракæнын стыр аиппытæ нал фæкæсынц. Ахæмтæ арæх фынджы уæлхъус карз нозтимæ Дунесфæлдисæг æмæ йе сконд зæдтæм фæкувынц, зæндтæ дæр фæамонынц иннæтæн. Фæлæ Хуыцауы нæдæр асайæн ис, нæдæр ын ис йæ хорзæх балхæнæн. Чъизи адæймаджы куывд нæ исы, æмæ уый зæрдыл дарын хъæуы, йæ бæрæгбоны æртæ кæрдзыны скувын ахæмтæн чи бабар кæны, уыдоны.

 

Цæвиттон, мæ ныхас у Хуыцауы раз уды хъæдæй сыгъдæг æмæ æргом уæвыныл. Уыцы домæн ис фенæн, нæ фыдæлтæ нын цы æгъдæуттæ ныууагътой, уыдонæй алкæйы мидисы дæр. Нæй сын абоны уавæртæм гæсгæ гыццыл фæчъизи кæнæн, баивæн, схæццæ кæнæн æндæр зондахастимæ. Бирæтæ æнæмæнг сæхи искуы фарстаиккой: «Цымæ цæмæн цыдысты нæ фыдæлтæ сæ дзуæрттæм кувынмæ дæрддзæф, бæрзонд æмæ зынцæуæн бынæттæм? Хъæугæрон, хæстæг æмæ лæгъз ран кувын æнцондæр нæу?» Кæд уымæн, æмæ Хуыцаумæ æнцон фæндаг кæй нæй? Кæд уыцы дард æмæ бæрзонд бынæттæ сыгъдæгдæр сты? Сыгъдæгдæр та цæмæй? Бирæ адæм сæ зонд, сæ монцты, сæ хъуыдыты цы чъизи хæссынц, уымæй. Уыцы бæрзонд рæттæм чъизи хæддзутæ нæ хæццæ кодтой. Чи сæм цыдис, уыдон зæрдæйæ скувынмæ, бафæдзæхсынмæ. Гъе, уымæн хъæуы Дзуары бынмæ фистæгæй дзæвгар ауайын, уый размæ та ком бадарын, ома хи ссыгъдæг кæнын. Уымæн не ’мбæлы Хуыцаумæ æмæ дзуæрттæм карз (æнæзæгъинаджы) нозтæй кувын. «Ис гæнæн» чи зæгъы, уый сайы йæхи дæр æмæ адæмы дæр. Уымæн сты тынг дард Хуыцауæй æмæ дзуæрттæй фæстаг æзты фæндæгты был цы бирæ «кувæндæттæ» фæзынд, уыдон дæр. Ис сын æрмæстдæр иу нысан – «мысайнæгты» хуызы адæмæй æхца æмбырд кæнын. «Проходимость» дам дзы хорз ис. Адæмæн дæр – æхсызгон. Цы ма ис уымæй æнцондæр – дæ хæдтулгæ фæуром, дæ чъизи æхца «копилкæйы» хуынчъы фæцæв, дæхиуыл дзуæрттæ бафтау æмæ дæхицæй райгæйæ гъæй кæн дарддæр. Уыцы миты кувынæй ницы ис, æмæ уæхи ма сайут. Хуыцау æмæ зæдты та асайæн нæй.

 

Цины фынг нæ фыдæлтæм куывддон бынат уыд. Уымæ гæсгæ дзы æгъдау æвдисын æмæ йæ сыгъдæгæй кæстæртæм дæттын хъуыдис. Уыцы æгъдауæн йæ алы фæзилæн дæр баст у нæ рагон дунембарынад æмæ уырнынадыл. Нæ дзы уыд бынат бирæ бахæрын æмæ бирæ бануазынæн. Уыцы миниуджытæ нæм æрцыдысты фæстæдæр, фылдæр сыхаг адæмтæй. Ахсгæ та бакодтой нæхи сæрты, фыдæлты уырнынад, Æгъдау æмæ Фарнæй чи сафтид, уыцы бынæттæ. Уымæн тынг фæахъаз сæдæ азы размæ коммунистон идеологи уырнынад, динтæ æмæ рагон æгъдæуттимæ цы тох самадта, уый дæр.

 

Фæлæ кæд уыцы сæдæ азы тынг фæзындысты адæмы зондахастыл, уæддæр сæ бон нæ баци адæмы фыдæлтыккон æгъдæуттæ бынтон сыскъуынын. Кодтам сæ æмæ сæ кæнæм абон дæр. Фæлæ куыд? Не ’ргом здахæм æрмæстдæр сæ хуыз, сæ уæлцъармæ. Сæ мидис нæ уыйбæрц нал æндавы. Æмбаргæ дæр æй уымæн нал кæнæм. Æмæ цæмæй уыцы уæлцъар нæхимæ гæсгæ рæсугъддæр æмæ æхсызгондæрæй зына, уый тыххæй арæх нæхи ’гъдæутты сæрыл самайæм æндæр адæмтæй (фылдæр хуссайраг фарсæй) æрбайсгæ митæ. Уыдон та фылдæр хатт мах дунеæмбарынад æмæ Æгъдауимæ иумæ нæ бадынц. Ахæм ран фæцуды æгъдау, хатгай та бынтондæр ныммынæг вæййы. Уымæн æмæ уæлцъар рæсугъд куы уа, уæддæр æнæ аппæй мыггаг нæ кæны.

 

Зæгъæм, нæ чызгæрвыстытæ æмæ чындз-хæстыты къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæй алы ’фсæнттæй æхца домын, чындзæн букеттæ зыввыттытæ кæнын, сиахс æмæ чындзы иумæ бадын кæнын, уазджыты размæ æртæ кæрдзынимæ цæуын («хлеб-соль»), чызджы йæ фыдимæ кафын кæнын, фынгтыл æхца тымбыл кæнынæн зилын, стæй алы æххуырсгæ зынаргъ цæстмæмитæ фыдуынд кæнынц циндзинад, марынц ын йæ мидис. Сæдæ азы размæ ,æвæццæгæн, хъасты фæсивæд сæ уынæрæй фынгыл бадæг хистæрты кæрæдзимæ хъусын куынæ уагътаиккой, уæд сæ уырдыгæй хъиладзагъдæй тардтаиккой. Ныр хæдзары хистæрæн йæ сæйрагдæр мæт вæййы, йæ циндзинады уæларвон мидис, хъуыддаджы фарн æмæ æгъдау нæ, фæлæ адæмы цæстыты рыг бауадзын, гуыпгæнгæ «шоу» сын саразын, æртæуæладзыгон «фынгты бæркад» равдисын. Нæй гæнæн æмæ ахæм митæ Хуыцауы зæрдæмæ цæуой. Æмæ, чи зоны, нæ кæстæртæн сæ фылдæр чындзæхсæвы фæстæ фыццаг 2–3 азы дæргъы кæй ахицæн вæййынц, уый аххосаг уыцы хъал миты агурын хъæуы. Алцыдæр Хуыцауæй аразгæ у, фæзæгъынц.

 

Худæг дæр у æмæ кæуинаг дæр – нæ æрвылбоны царды алы ран Хуыцауы ныхмæ цæуæм, стæй та фынджы уæлхъус лæгъз ныхæстæй йæ хорзæх фæкурæм. Уый кувын нæ хуыйны, фæлæ фæливын. Æмæ цы тауæм, уый кæрдæм. Йæ хæдтулгæ æдзæсгом скъæрд чи фæкæны, уыдонæй бирæты æвгтыл фæстейы фыст вæййы: «Уастырджи де ’мбал!» Цал æмæ цал ахæмы бацæуынц Хетæджы Къохмæ бæрæгбоны, Уастырджийыл сæхи фæфæдзæхсынц, мысайнаг сæвæрынц. Цы ма хъæуы æндæр? Кувынæн иу бон фаг у, иннæ 364 боны – дæхи бар.

 

Не ’гъдæутты арф мидисы сæфт уæлдай тынгдæр разыны мардæвæрæн бонты æмæ зианы кæндты. Уыцы рæттæм бæрæгбоны дарæсы цæуын райдыдтам, фæлурс æмæ цыбырдыс хæдæтты, æнæ худæй. Хæццæ кæнæм рахиз æмæ галиуы мидис. Сылгоймæгты уаг æмæ хуызы кой нал кæнын, уыйбæрц фыст æрцыдис, æмæ адæм, æвæццæгæн уыцы ныхæстæй бафæлладысты.

 

Фæлæ та раздæхæм æгъдæутты мидисмæ. Сæрдыгон тæвды, бæгуыдæр, цыбырдыс æмæ гомсæрæй æнцондæр у, фæлæ чи загъта æмæ мардмæ цæуын æхсызгондзинады охыл у? Ахæм ранмæ нæхи ирхæфсынмæ нæ цæуæм, фæлæ зианджынты фарсмæ балæууынмæ æмæ сын зæрдиаг тæфæрфæс ракæнынмæ. Кæд уый, куыд дын æмбæлы, афтæ бакæнын дæ бон нæу, уæд фæлтау ма бацу, дæхи æгад ма кæн. Ницы дыл æрцæудзæн уыцы сахат дæ сæрыл худ куы ныккæнай, уæддæр. «Куыд æнцондæр у»-йы фæндаг та нæ Æгъдауæй дард кæны. Сæрæмбæрзтæй ма адæм мардмæ æмæ йæ кæндтытæм цыдысты хæрам тыхтæй сæхи хъахъхъæнгæйæ дæр. Ахæм бынæттæм æмхиц сты, уый сæ уырныдта. Сæ худтæ нæ истой нæдæр марды чырыны раз, нæдæр хисты фынджы уæлхъус бадгæйæ. Ныр марды раз худ исыны æгъдау дæр райстам æцæгæлон адæмтæй. Уæдæ тар уæлæдарæс хъыг, æнкъарддзинад æвдисынæн у. Дæ фæлурс ирд дзаумайæ та æвдисыс, цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæ, уый дын хъыг кæй нæу. Зианджынты æмæ æрцæуæг адæмы къухтæ исыны, хъæбыстæ сын кæныны дæр ис, æхсызгондзинады мидис, æмæ дзы цин цæуыл кæныс? Кæйдæрты уыдæттæ нæ уырнынц, ницы амонæг лыстæг хъуыддæгтæ сæм кæсынц, æмæ уыдонæн мæ бон ницы у зæгъын. Æз та дызæрдыг нæ кæнын, нæ фыдæлты сæдæгай фæлтæртæ нæм цы дунембарынад æрхæццæ кодтой, уый махæн дæр хъуыдыйаг кæй хъуамæ уа, ууыл.

 

Уый фæдыл мæ сæрмагондæй адæмы размæ рахæссын фæнды иу ахсджиаг фарста. Рагæй йыл хъуыды кодтон, æрцыдтæн бæлвырд хатдзæгтæм. Айфыццаджы телеравдысты дæр уыцы фарста амонæг цæхгæр æрæвæрдта. Цас раст у, марды чырыны разæй нæ кæстæрты чырыны сæр, дидинджытæ, нывтæ, хæрзиуджытæ æмæ веноктæ хæссынæн куы рарвитæм, уый? Уыдис нæм ацы фæтк раздæр? Кæд нæ, уæд кæд æмæ кæцæй фæзынд?

 

Æрыгон ма куы уыдтæн, уæд чырыны разæй кæй ничи цыдис, уый хъуыды кæнын бæлвырдæй. Чырынæн сæр кæнгæ дæр нæ кодтой. Ингæн иу скодтой агуыри дурæй къæлæт амад, æмæ иу чырын уым бавæрдтой. Уæлмæрдмæ чырыны фæстæ цыдысты мардмæ æрцæуæг адæм се ’ппæтдæр, зæрæдтæ æмæ рынчынтæй фæстæмæ. Уыимæ иу, сæ фæндагыл хæдтулгæтæ баурæдтой, адæм иу дзы рахызтысты, стæй сæркъулæй тæфæрфæсæн æрлæууыдысты фæндаджы был, цалынмæ мæрддзыгой адæм сæ рæзты ацæуой, уæдмæ. Ничи тырныдта хæдтулгæйыл марды чырыны разæй фæуын. Тагъд чи кодта, уыдон та иу æндæр уынгты азылдысты. Цæмæн? Уымæн æмæ мард йе ’нусон фæндагыл куы рараст уа, уæд хъуамæ уыцы фæндаг уа уæгъд, йæ размæ мачи лæууа, кæнæ цæуа, йæ фæндаг ын мачи лыг кæна. Уæд цы зондæй сæвæрæм нæ кæстæрты чырыны разæй цæуынæн? Фаг нын нæу, нæ уæлмæрдтæ æрыгæтты цыртытæй кæй байдзаг сты, уый? Цæмæн кæнæм нæхи æлгъыстаг?

 

Ацы æнæрхъуыды митæ фæзындысты фæстаг 40–50 азы дæргъы, адæм хи æгъдæутты мидисæй куы фæхицæн сты, телевизорты æмæ æрлидзæг адæмы фæрцы æрбайсгæ æддагон митыл куы фæцалх сты, уæд. Фыццаг чырыны сæр райдыдтой хæссын йæ разæй, стæй веноктæ, марды ныв, хъæдын цырт, хæрзиуджытæ. Дидинджытæ хæссыныл æмæ сæ фæндагыл калыныл дæр сахуыр стæм нæ хуссайраг сыхæгтæй. Цæвиттон, нæхи æгъдæутты бынат фидарæй бацахста æндæр адæмты, æндæр дунеæмбарынад æмæ уавæрты сæвзæрд фæтк.

 

Æмæ куыннæ? Дæлæ, дам, Мæскуыйы æмæ иннæ «стыр» рæтты дæр афтæ куы кæнынц? О, кæнынц. Фæлæ уыцы адæмтæ мах зонд, мах æгъдæуттимæ æнусты дæргъы нæ фæцардысты. Ис сæм æндæр зондахаст, æндæр æгъдæуттæ. Цы тыхбегара ныл ис, дунейы «размæдзыдты» фæзмынæн, нæ арф мидис, нæ фыдæлты уырнынадыл баст æгъдæуттæ «общемировой светский этикет»-ыл бæттынæн?

 

Раздæр дæр мардæн йæ ногконд ингæныл æвæрдтой рæстæгмæйы хъæдын цырт. Фæлæ иу æй развæлгъау ингæнкъахджытæм аластой уæлмæрдмæ, чырыны разæй хæссын æй нæ хъуыдис. Уæдæ чырыны сæр, веноктæ æмæ марды ныв дæр йæ разæй хæссын ницæмæн хъæуы. Иу хатт ма йæ хахх кæнын, фыдæлты зондахастмæ гæсгæ мардæн йæ разæй, йе ’нусон фæндагыл хъуамæ мачи цæуа. Куы цæуа, уæд та йæхи кæны æлгъыстаг. Уыимæ, цалынмæ чырын иу цасдæр адард уа, кæнæ ныры уавæрты цалынмæ мардласæн хæдтулгæ йæ фæндагыл араст уа, уæдмæ æрцæуæг адæмæй дæр хъуамæ мачи фенкъуыса, хæдзармæ ма ацæуа.

 

Сидын хистæртæм æмæ растæмбис кары адæммæ. Уæ хорзæхæй, бамбарæм ацы æгъдæутты мидис æмæ мауал æрвитæм нæ кæстæрты марды чырыны разæй.

 

АБАЙТЫ Сергей,
Дзæуджыхъæуы цæрæг


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 26.11.2022 в 08:59

Уæдæ, кæцы комæй ралидзæг сты Дзестелтæ?

Æнусон бӕрзонд хӕхтӕм ʼввахс, Куырттаты комы, доны тӕккӕ был зыны Хилачъыхъӕу. Фондз ӕфсымӕры: Дзестел, Ади, Гуытъи, Хъанбег ӕмӕ Ӕрчъын цардысты уым ӕнгомӕй. Ацы нӕмттӕй равзӕрдысты мыггӕгтӕ: Дзестелтӕ, Андиатӕ, Гуытъиатӕ, Хъанбегатӕ, Æрчъынатæ.

ОБЩЕСТВО 3.03.2022 в 10:16

Воистину духом высок…

Нелегко писать о человеке, исполненном сил, достигшем профессиональных вершин, мастерски, в совершенстве владеющем пером и словом. Чистый от природы, он не фальшивит ни в жизни, ни в журналистике.

ОБЩЕСТВО 24.10.2021 в 11:42

В Северной Осетии стартовал третий этап программы «Alania Business Accelerator»

Более 40 молодых предпринимателей стали участниками акселерационного этапа

ОБЩЕСТВО 11.06.2022 в 22:11

Россия и Армения в 6 раз расширят пропускную способность на границе

11 июня 2022 года на пункте пропуска «Верхний Ларс» состоялась встреча Министра экономического развития России Максима Решетникова с Министром экономики Республики Армения Ваганом Керобяном.

ОБЩЕСТВО 10.03.2023 в 20:14

Шах и мат

10 марта в Центре дополнительного образования города Владикавказа (ул. Баллаева) прошел муниципальный этап республиканского шахматного турнира «Белая ладья – 2023».

ОБЩЕСТВО 6.03.2023 в 19:41

«Свет надежды»

Новый конкурсный проект Международного благотворительного фонда Владимира Спивакова (МБФ Спивакова) «Свет надежды» подвел первые итоги. В числе победителей – четверо воспитанников Детской музыкальной школы №1 им. П.И. Чайковского города Владикавказа.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО