ОБЩЕСТВО

Зарæг æмæ фæндыр

Адæймаг куы райгуыры æмæ æрдзæй курдиатджын куы рахæссы, уæд уый амонд у. Хуырымты Аллæ та у бирæвæрсыг курдиаты хицау: ирон дзырд æмæ аивадæн хæрзгæнæг. У профессионалон музыкант, цæгъды фæндырæй, зары хъайтарон зарджытæ, уарзы ныв кæнын… Æвæццæгæн, Стыр Хуыцауы фæрцы фæхайджын сфæлдыстадон тæвагæй æмæ рахаста йæ фыд Хуырымты Батырбеджы фарн æмдзæвгæтæ фыссынмæ дæр. Йе ʼмдзæвгæтæ бакæсæн ис газеттæ: «Рæстдзинад», «Слово», «Советон Ирыстон», «Стыр Ныхас»; журналтæ: «Мах дуг», «Ногдзау» æмæ «Рухстауæг»-ы фæрстыл. Уæдæ йе ʼмдзæвгæты æххæст æмбырдгонд «Фыды фарн» рухс федта дыууæ азы размæ æмæ поэзиуарзджыты зæрдæтæ барухс кодта. Æвæдза, Аллæ цымыдисаг адæймаг у. Йемæ фембæлд удæн хæссы æхсызгон улæфт, разæнгарддзинад æмæ рухсад.

 

Аллæ райгуырд 1941 азы 12 сентябры. Йæ фыд Батырбег Нары хъæуы æвзаргæ хæстхъом фæсивæдимæ бархийæ тохы зарæг куы ныккодта, æмæ фыдызнагæй райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ куы араст, раст уыцы бон. Фæлæ, хъыгагæн, фыды­знагимæ карз тохы цæрæнбонтæм хæсты быдыры баззад Уæлахизы æрыгон салдатæй.

 

Женя бахъомыл кодта йæ иунæг чызджы йæ комдзагæй. Йæ хъæбулимæ хохæй ралыгъдысты Хетæгкаты Къостайы районы Райдзасты хъæумæ, стæй та Хъæдгæронмæ.

 

Аллæ ам бацыд скъоламæ. Ахуырмæ уыд зæрдæргъæвд, фæлæ йæ хорз ахуырæй уæлдай ма уыд æнгом баст аивадимæ, æдзух архайдта районы номæй республикон ногдзауты æмæ скъоладзауты ерысты, уыд хихъæппæрисадон кафджыты къорды солисткæ. Скъолайы фæстæ бацыд Дзæуджы­хъæуы музыкалон-педагогон училищæмæ, ахуыр кодта адæмон инструментты хайады. Фæндыры алӕмӕттаг зæлты сусæгдзинæдтæ йын банкъарын кодта Реуазты Симæ. Училищæйы фæстæ куыста Черменыхъæуы скъолайы музыкæйы ахуыргæнæгæй, Дзæуджыхъæуы 6-æм скъолайы, фыццæгæм музыкалон салоны та фæндырдзæгъдæгæй. Ахуырмæ йæм цыдысты алы кары адæм – фондзаздзыд сывæллонæй – ас адæмы онг. Æмхуызон музыкалон æмбарынад сæм фаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йын зын уыд кусын, æмæ æрхъуыды кодта йæхи методикæ, фыссын райдыдта музыкæ.

 

Уыцы методикæйы амынддзинæдтæй пайда кæнгæйæ, куыст фæрæвдздæр, ахуырдзауты нымæц дæр фæфылдæр. Цæуын æм райдыдтой республикæйы алы къуымтæй.

 

Горæтгæрон районы хицауады уынаффæмæ гæсгæ Аллæ хуынд æрцыд фæндырдзæгъдæгæй районы Культурæйы галуанмæ. Йæ хъæппæрисæй Ирыстоны фыццаг хатт ам арæзт æрцыд фæндырдзæгъдджыты къорд 50 адæймагæй. Районы разамынд ын аккаг аргъ кодта æмæ йын радтой риуылдаргæ нысан. Йæ хуызист та йын бахастой республикæйы Кады фæйнæгмæ. Дыууæ хатты уыд Мæскуыйы æппæт­цæдисон конкурсты лауреат, Æппæтцæдисон фестивалы та райста 1-аг æмæ 2-аг къæпхæнты лауреатты дипломтæ. Хуытъыгаты Хъазыбег цалдæр хатты сарæзта Аллæйы тыххæй музыкалон радиобакæстытæ йæ бирæвæрсыг курдиаты фæдыл. Аллæ хъомыладон куыстмæ уыд арæхстджын. Педагогон училищæйы фæндырдзæгъдджыты ансамблимæ дæр сæ къухы бафтыд бирæ æнтыстытæ. Ногдзауты галуан куы байгом, уæдæй фæстæмæ та уым куыста фæндырдзæгъдджыты къорды разамонæгæй.

 

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц. Йæ иунæг хъæбул, йе стырдæр хæзна царды чи сси, йæ фендмæ кæмæн бæллыд Батырбег, уый йын лæджы æмдых рацыд размæ, йæ фæзминаг хъуыддæгтæй йын бæрзонд систа йæ фарн. Йе ʼмдзæвгæты чиныг дæр «Фыды фарн» уый кадæн рахуыдта. Аллæ цæры ирон фарн, ирон æгъдау, ирон æвзаджы цæрайæн. Фæхæст дзырдаивады барцыл æмæ фыссы æмдзæвгæтæ, музыкæ, ныййарæджы фарнæй у хайджын.

 

Схъомыл кодта рæсугъд кæстæртæ æмæ рæвдауы уыдоны хъæбулты. Адæмы фарнæй у хайджын, уымæн æмæ у фæзминаг ирон сылгоймаг, куырыхон хистæр, кæстæрты хъомылгæнæг. Аллæ æмдзу кæны рæстæгимæ, дуджы домæнтæ æргом кæны йæ уацмысты. Цы фыссы, уыдон нывæнды æнцонæмбарæн æвзагыл. Поэзиуарзджытæ йæ уацмысты æнкъарынц царды комулæфт, йæ фæлмæндзинад. Йæ поэзийы хъайтартæ сты йæ алыварс цæрæг адæм, Ирыстонæн кад æмæ намыс чи хæссы: хуымæтæг кусджытæ, спортсментæ, разамонджытæ, ахуыргæндтæ:

 

Йæ уды рухсæй адæмæн уыд хай,

Куырыхон лæг, куысты уыдис фæзминаг.

Рæстзæрдæ уд, ды рухсхæссæг куы уай,

Уыдзынæ уæд ды зæрдæйы рæбинаг.

 

Ис сæ æрхуым æмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ, царды философи. Къоста, ирон æвзаг æмæ хæсты темæтæ уæлдай хæстæгдæр сты йæ удыхъæдмæ. Алыхуызон бæрцбарæнтæй пайда кæны йæ рæнхъытæ нуарджындæрæй равдисынæн:

 

Ирон æвзаг! Мæ зæрдæйæн – йæ зæрдæ,

Хуыцауы зынгæй равзæргæ, нæртон.

Нæ рыст зæххыл хæстонтимæ хæстон дæ,

Дæ рæсугъд зæлтæн макуы уæд кæрон.

 

Мад æмæ хæсты темæйыл фыст æмдзæвгæтæ Хуыры­монæн систы йæ поэзийы рахæцæнтæ. Уыдон æй разæнгард кæнынц ног æмæ ног поэтикон рæнхъытæ фыссынмæ. Уæлдай бæрзонд æвæрд æм у хæсты темæ, æхсар æмæ лæгдзинад æмдзу кæм кодтой, карды комыл цæуæгау, Уæлахизы сæраппонд тохы быдыры æдзардæй сæ туг чи калдта. Уæлдайдæр ын йæ фынты дæр æнцойад нæ дæтты йе ʼдзард фыды фæлгонц. Агуры йæ, йæ уындмæ бæлгæйæ, æрвиты сагъæстæй дзаг бонтæ:

 

Æз зонын, хæстмæ бархийæ фæцыдтæ,

Фæстаг хатт хæхтæн загътай ды: «Хæрзбон!»

Нæ сæраппонд дæ адзалмæ фæцыдтæ,

Нырма дын рухсаг у нæ бон зæгъын.

 

Аллæйы зæрдæ у парахат, у адæмæн уарзон адæймаг. Йæ алыварсмæ кæсы лæмбынæг, цин кæны йæ алы хорз фæзындыл, уæззау уавæртæ æмæ æбуалгъ­дзинæдтыл та – хъыг. æрдзы темæ дæр дзы нæу рох. Фæнды йæ, цæмæй алчидæр иузæрдионæй тыхса, лæггад кæна, æмæ иумæйагæй хъахъхъæнæм нæ алӕмӕттаг æрдзон рæсугъддзинад фæстагæттæн:

 

Нæ хæхтæ, быдыртæ, нæ фæзтæ,

Нæ æрдзы минмырон хъæлæс,

Сты цардæн диссаджы фæрæзтæ –

Сæ бахъахъхъæнын у нæ хæс.

 

Йæ курдиат у бирæвæрсыг. Дзырд æмæ музыкæ сты йæ дыууæ базыры. Æмдзæвгæтæй уæлдай ма музыкæ æрхъуыды кодта Баситы Михалы, Цырыхаты Михалы, Уырымты Петкайы, Ходы Камалы фыст æмдзæвгæтыл, æмæ зæлынц нæ зарæггæнджыты концертон программæты. Зæгъæм, Музыкалон театры солист Собиты Станислав арæх фæзары зарæг «Уалдзыгон зарæг» (Цырыхаты Михалы ныхæстæ, Хуырым­ты Аллæйы музыкæ).

 

Аллæ æнгом куыст кæны нæ композитортимæ дæр. Гæздæнты Булаты зæрдæмæ фæцыд Аллæйы æмдзæвгæ «Дзуры та къамимæ мад». Профессионалон æгъдауæй йыл йæ цæст æрæвæрдта, ныффыста йын мелоди, æмæ дзы рауад аив музыкалон уацмыс. Зарæг балæвар кодтой Ирыстоны адæмон артист Баллаты Валодяйæн. Уый йæ фыццаг хатт азарыд йæхи юбилейон изæры, æмæ адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд. Абоны дуджы зарæг зæлы Ирыстоны алы къуымты зындгонд зарæггæнæг Гуыбиаты Эльбрусы хъуытаз хъæлæсы фæрцы. Аллæйы къæбицы ис сывæллæттæн фыст зарджытæ дæр. Æдæппæтæй 34 зарæджы бæрц.

 

Чеджемты Æхсар, стæй Джиоты Джетæйы æмдзæв­гæты ныхæстыл ныффыста «Иры фæдисæттæ», «Нары» æмæ сæ азарыд Методикон центры зарæггæнджыты къордимæ Къостайы юбилейы бон Нары хъæуы.

 

Аллæ 20 азæй фылдæр хъомыладон куыст фæкодта Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм скъолайы музыкæйы ахуыргæнæгæй. Цал æмæ цал зæрдæмæхъаргæ поэтикон уацмысы ныффыста уыцы рæстæг. Фæлæ се ʼппæтæн сæрæвæрæн ссис «13-æм скъолайы Гимн» (Хуырымты Аллæйы ныхæстæ, Дзаттиаты Зæлинæйы музыкæ). РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг, УФ-йы иумæйаг ахуырады кадджын кусæг, Колыты Аксойы номыл премийы лауреат.

 

13-æм скъолайы уæды директор, дзæнæты бадинаг Сæлбиты Иринæ Аллæйы тыххæй загъта: «Аллæ у нымад адæймаг, кадджын хистæр.

 

Стыр аргъ ын кæнынц ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Йæ иузæрдион куыстæй æлхæны не ʼппæты зæрдæтæ дæр. 20 азæй фылдæр кæны хъомыладон куыст не скъолайы, сывæллæтты ахуыр кæны ирон фæндырдзагъдыл, ирон аив дзырдыл. Йæ ахуырдзаутæй бирæтæ ацыдысты йæ равзæрст фæндагыл æмæ абон уыдон дæр ахуыр кæнынц кæстæрты фæндырæй цæгъдыныл».

 

Дзæуджыхъæуы астæуккаг библиотекæйы литературон иугонд «Суадон»-ы активон архайджытæй иу уыд Аллæ, кæд ныртæккæ йе ʼнæниздзинад фæцудыдта, æмæ нал æмбæлæм, уæддæр. Кæд исчи ирдæй равдыста йе сфæлдыстад æмæ кæстæртæн у фæзминаг алы æгъдауæй, уæд уый дæр у Цогойты-Хуырымон Аллæ. Зивæг цы у, уый та зонгæ дæр нæ кодта. Кæд æмæ йыл азтæ сæ фæлм æруагътой, уæддæр-иу Ирыстоны къуымтæй кæм нæ балæууыд æгъдау æмæ сфæлдыстадон фембæлдтыты фæдыл, ахæм нæй.

 

Уды сыгъдæгдзинад æмæ рæдаудзинад сты адæймаджы хуыздæр миниуджытæ. Хуырымонæн йæ удыхъæд у хъæздыг царды хорздзинæдтæй, у адæмæн уарзон, ирон фарнæй фæрнджын æмæ кæстæртæн фæзминаг. Йæ фыды фарн нæ бауагъта æрмынæг кæнын. Йæ фарныл ын фарн бафтыдта, æмæ йе сфæлыст уацмыстæ систы цæрæццаг йæ чиныг «Фыды фарн»-ы фæрцы æмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ ирон дзырдаивады цæрайæн хиздзысты азты сæрты.

 

ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ,

Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 11.11.2017 в 09:00

Спорт для всех!

Во Владикавказе впервые прошли соревнования по бочче для учеников средних классов, в которых приняли участие дети с ограниченными возможностями здоровья.

ОБЩЕСТВО 17.02.2024 в 08:57

УЫД ЙÆ АДÆМÆН ЦЫРАГЪДАР ÆМÆ ФÆНДАГГÆНÆГ

Ирыстоны сæрмæ йе стъалы кæмæн ссыгъд æмæ цæхæр калгæ чи цæуы æгæрыстæмæй ма йæ амæлæты фæстæ дæр, ахæм фæрнджын адæймæгтæ бирæ уыд æмæ ис не ‘хсæн.   Ирон адæмæн йæ хъæбултæй стырдæр лæггад чи бакодта, уыдонæй иу уыд Гаглойты Рутен – инженер, фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг. Уыд намысджын адæймаг, адæмы хæрзгæнæг, разагъды лæг.   Рутен […]

ОБЩЕСТВО 16.12.2017 в 10:09

Инвалид или мошенник?

Нас уже тяжело чем-то удивить. Особенно тех, кто тратит немало времени на просмотр телевизора. Каналы для привлечения зрительской аудитории ищут всякого рода шокирующие истории.

ОБЩЕСТВО 23.08.2023 в 18:12

Южная Осетия: 15 лет мира

22 августа в формате видеомоста Москва – Цхинвал состоялся круглый стол, посвященный 15-­летию признания Россией независимости Южной Осетии.

ОБЩЕСТВО 10.06.2023 в 08:48

Настия Буджиева. Дорога длиною в сто лет

«Жизнь – нелегкое занятие, но трудно только первые сто лет» – достоверность этого утверждения вполне можно перепроверить, ведь в России сейчас насчитывается более 20 тысяч долгожителей, которым исполнилось уже сто лет.

ОБЩЕСТВО 1.10.2018 в 14:22

Православные СКФО прошли в крестном ходе с чудотворной иконой Иоанна Русского

В Кизляре 28 сентября, накануне празднования Дня города, более двух тысяч верующих, паломников из городов

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО